Абайты Васойыл 97 азы куы цыд, уæд æм цхинвалы ахуыргæнджытæй корд бацыд курдиатыимæ: иры кæстæр фæлтæрæн исты фæдзæхст ныффыссын. Мæнæ цын цы загъта (фыццаг хатыр ракургæйæ, латинаг алфавитыл кæй фыссы, уый тыххæй, фæлæ йæ дзырдуатыл бирæ азты дæргъ кусгæйæ уырыссаг алфавитыл ахуыр нал у):
Мæ зæрдæ риссы, нæ мадæлон æвззаджы хъысмæтыл куы ахъуыды кæнын уæд. Куыстуæтты æмæ æхсæнадон æмбырдты нæ, фæлæ ма хæдзары, бинонты хсæн дæр тæссаг раны бахауд. Хъуамæ алчи дæр æмбара: æвзаджы фесæфт у – адæмы фесæфт. Нæй æвзаг – нæй адæм. Фæдисы хъæр: не ‘взаг бахъахъхъæнæм, бавæрæм! Æппæты фыццаг – хадзары мидæг, бинонты хсæн. Алы хæдзары къулыл дæр хъуамæ фыст уа егъау дамгъæтæй:
“АМ ИРОНАУ (ДЫГУРОНАУ) ДЗУРЫНЦ” .
Василию Ивановичу Абаеву было 97 лет, когда группа цхинвальских педагогов обратилась к нему с просьбой написать какое-либо напутствие молодому поколению своих соотечественников. Вот что он им ответил (извинившись предварительно, что пишет латиницей, так как за долгие годы работы над своим словарем отвык пользоваться обычным алфавитом):
Источник
Абайты Васо-стыр ирон ахуыргонд
8-ӕм скъолайы ирон ӕвзаг
ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг
Абайты Васо у стыр ирон ахуыргонд. Васо ныффыста ӕртӕ сӕдӕйы бӕрц алыхуызон зонадон куыстӕ ӕмӕ раиртӕста бирӕ ахсджиаг, бирӕ вазыгджын фарстатӕ. Уыцы куыстытӕй сӕ нысаниуӕгмӕ дӕр ӕмӕ сӕ асӕй дӕр уӕлдай ахсджиаг, уӕлдай ахадгӕдӕр сты «Ирон ӕвзаг ӕмӕ фольклор», «Нарты эпос», «Ирон ӕвзаджы грамматикон очерк», «Уырыссаг-ирон дзырдуат», «Скифаг-европӕйаг изоглостӕ», «Ирон ӕвзаджы историон-этимологон дзырдуат»- 4 томӕй.
Абайты Васо у ирахуырады бындурӕвӕрӕг, хонынц ӕй ӕвзагзонынады нывгӕнӕг. Наукӕйы йӕ къухы бафтыд бирӕ ӕнтыстытӕ. Бирӕвӕрсыг сты йӕ куыстытӕ, абон дӕр сты тынг ахъаз, тынг ахсджиаг ӕмӕ цымыдиссаг. Йӕ бирӕ иртасӕн куыстытӕ кӕд алыхуызон сты, уӕддӕр сӕ нысан иу у: арф баст сты ирайнаг ӕвзгты историимӕ, тынгдӕр та ирон ӕвзаг арфдӕр ӕмӕ хуыздӕр сахуыр кӕнынимӕ. Йӕ чиныг «Ирон ӕвзаг ӕмӕ фольклор»-ы ирдӕй зыны ирон ӕвзаджы равзӕрды ӕнгом бастдзинад адӕмы равзӕрдимӕ, йӕ рӕзтимӕ, йӕ культурӕимӕ.
Васо ӕрмӕст нӕ мадӕлон ӕвзаг иртасыныл нӕ куыста, фӕлӕ рагон ирайнаг – авестийаг ӕмӕ персайнаг ӕвзӕгтӕ иртасыныл дӕр.
Васойы бирӕвӕрсыг куыстытыл нӕ цӕст лӕмбынӕгӕй куы ахӕссӕм, уӕд нӕ бон зӕгъын у: йе сфлдыстад у ӕнӕхъӕн дуне.
Йӕ наукон куыстыты ӕхсӕн егъау бынат ахсынц Нарты кадджытӕ ӕмӕ скифты проблемон фарстатӕ. Уый стыр ӕвӕрӕн бахаста скифты проблемӕмӕ, биӕр ахсджиаг наукон куыстытӕ ныффыста ацы фарстатыл, фӕбӕлвырддӕр кодта, скифтӕ ирон адӕмы рагфыдӕлтӕ кӕй уыдысты, уый.
Васо йе ‘ргом здӕхта ирон ӕвзаджы грамматикӕйы фарстатӕм, куыста, цы фонетикон ивддзинӕдтӕ дзы ӕрцыд, уыдоныл.
Йӕ зӕрдӕ тынг рысти йӕ мадӕлон ӕвзаджы хъысмӕтыл ӕмӕ кӕстӕртӕн фӕдзӕхста: Мӕ зӕрдӕ риссы, нӕ мадӕлон ӕвзаджы хъысмӕтыл куы ахъуыды кӕнын, уӕд. Хъуамӕ алчидӕр ӕмбара: ӕвзаджы сӕфт у – адӕмы фесӕфт. Нӕй ӕвзаг – нӕй адӕм. Фӕдисы хъӕр: не ‘взагбахъахъхъӕнӕм! Ӕппӕты фыццаг – хӕдзары мидӕг, бинонты ӕхсӕн. Алы хӕдзары къулыл дӕр хъуамӕ фыст уа егъау дамгъӕтӕй: Бӕлас акӕлы, йӕ уидӕгтӕ йын куы стонай, уӕд. Ӕвзаг амӕлы, йӕ уидӕгтӕ йын бинонты ӕхсӕн куы сыскъуынай, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ, ирон лӕг, де ‘взаг хъахъхъӕн дӕ бинонты ӕхсӕн».
Мах, кӕстӕр фӕлтӕр, хъуамӕ сӕххӕст кӕнӕм Васойы фӕдзӕхст, бахъахъхъӕнӕм нӕ мадӕлон ӕвзаг, нӕ традицитӕ, нӕ культурӕ. Нӕ диссаджы эпос. Уый тыххӕй нӕ хъӕуы бирӕ кусын рӕвдауӕндӕтты, скъолаты, уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты. Ӕвӕццӕгӕн, хъӕуы фылдӕр сӕрмагонд ӕхсӕнадон куыст мадӕлон ӕвзаджы парахат кӕныныл.
Фæлæ, хъыгагæн, бирæтæ ирон æвзаг сæ сæрмæ нал хæссынц. Ахæм адæймаг у æнæфенд, цыбыр зонды хицау. Йе ‘взагыл былысчъил, уæлæхох чи кæны, уымæй хорз адæймаг никуы рауайдзæн, уымæ хорз фидæн не ‘нхъæлмæ кæсы, мæнæ, бæласыл бадгæйæ, къалиу йæ быны чи лыг кæны, уый хуызæн.
Мах абон ныллæг кувæм нæ сæртæй, не ‘взаг абон кæй руаджы зæлы, нæ уыцы разагъды лæгтæн.
Абайты Васо фӕцард 100 азы, ӕнӕхъӕн ӕнус, ӕнус, кӕцы адӕмы историйы уыд зынвадатджын, цымыдиссаг.
Никуы ницы нӕмттӕ ӕмӕ титултӕ агуырдта йӕхицӕн, стӕй ницавӕр диссертаци бахъахъхъӕдта. Наукӕты кандидат ӕмӕ доктор сси йӕ наукон куыстытӕм гӕсгӕ, ома ӕнӕ бахъахъхъӕнгӕйӕ йын лӕвӕрдтой уыцы наукон къӕпхӕнтӕ.
Ӕвӕццӕгӕн, йе сгуыхтытӕ кӕронмӕ фаг аргъгонд не ‘рцыдысты йе ‘мдуггонтӕй, ӕмӕ ма нырма фехъусдзыстӕм, мах Васойы дуджы кӕй цардыстӕм, уый.
Хӕхтӕй бӕрзонддӕр у Абайты Васойы кад. Ахӕм лӕгты ӕруаджы ӕфты адӕмы фарныл.
Абон, 21 ӕнусы, тынг ахсджиаг хъӕуынц Къостайы, Васойы, Нафийы хуызӕттӕ.
Кӕд та нӕм фӕзыниккой, ӕмӕ та ныл ӕвзагзонынады фарны хур ракӕсид…
Источник
Абайты Васойы ном — æнустæм цæринаг Фыдæлтæй фæстæмæ алы нацийæн дæр иууыл зынаргъдæр фæрæзтыл фæнымайынц се ‘взаг, фарн æмæ æгъдау. Фæлæ уыдонæй иууыл сæйрагдæр у æвзаг, æнæ уымæй нацийæн уæвæн кæй нæй, уымæ гæсгæ. Ацы хъуыды кæд алчи дæр хорз æмбары, уæддæр мадæлон æвзаджы размæцыдыл æмхуызон нæ фæхъуыды кæнынц.
Ирон æвзаджы райрæзтыл æнтысгæйæ чи фæкуыстой, ахæмтæ бирæ уыдысты æмæ сты ныр дæр. Мадæлон æвзаг раиртасыныл чи бакуыста, уыдонæй иууыл зынгæдæр бынат бацахста стыр ахуыргонд Абайты Васо. Ирон адæмы гений Абайты Васо кæстæртæн дæр фæдзæхста: «Мæ зæрдæ риссы, нæ мадæлон æвзаджы хъысмæтыл куы ахъуыды кæнын, уæд. Куыстуæтты æмæ æхсæнадон æмбырдты нæ, фæлæ ма хæдзары, бинонты ‘хсæн дæр тæссаг уавæры бахауд. Хъуамæ алчи дæр æмбара, æвзаджы фесæфт кæй у адæмы фесæфт. Нæй æвзаг — нæй адæм. Фæдисы хъæр: не ‘взаг бахъахъхъæнæм, бавæрæм æй! Æппæты фыццаг хæдзары, бинонты ‘хсæн. Алы хæдзары къулыл дæр хъуамæ фыст уа егъау дамгъæтæй: “Ам иронау (дыгуронау) дзурынц”. Ахæм фæдзæхст æмæ зæрдæрис-гæ дзырдтимæ Абайты Васо кæстæртæм сидти 1990-æм азты.
Номдзыд æмæ стыр ахуыргонд Абайты Васойы райгуырæн бон ирон адæмæй рох никуы баззайы. Ныр дæр йæ ном арынæн æнæхъæн къуырийы дæргъы уагъд цыдысты бирæ мадзæлттæ.
15-æм декабры — Абайты Васойыл 116 азы сæххæсты бон — банысан кæныны тыххæй йæ цырты цурмæ æрбацыдысты нæ республикæйы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, йæ хæдивæг Пухаты Эрик, РХИ-йы Культурæйы ми-нистр Остъаты Мадинæ, Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон, нæ горæты национ музейы директор Зассеты Мераб, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ахуыргæнджытæ, студенттæ, афтæ ма горæты 5-æм æмæ 6-æм астæуккаг скъолаты ахуыргæнджы-тæ,ахуыргæнинæгтæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ. Уыдон стыр ахуыргонды цырты раз сæвæрдтой дидинджытæ.
Æрæмбырдуæвджыты раз раныхас кодта Ирыстоны Фысджыты æмсæрдар Хъазиты Мелитон. Уый йæ раныхасы, сæйраджыдæр, хорзыл банымадта нæ ахуырдзау фæсивæды минæвæрттæ æрвылаз дæр кæй æрбацæуынц Васойы ном ссарынмæ, уый та нысан кæны, зæгъгæ, нæ кæстæртæ аргъ кæнынц нæ номдзыд адæймæгтæн. Абайты Васойæн та йæхи тыххæй загъта: «Æз бирæ хорз æмæ кадджын адæймæгтыл фембæлдтæн, фæлæ дзы Васойæ стырдæр адæймагыл мæ бон банымайын никæйы у. Æрмæст йæ зонадон куыстыты тыххæй нæ, фæлæ йæ æгъдауæй дæр мын уыд бафæзминаг. Æз æй федтон лекцитæ кæсгæ, фынгыл бадгæ дæр æмæ мæ кæддæриддæр дисы æппæрста йæ уæздандзинадæй.
Мах Васойæн йæ ном куы арæм, уæд уымæй кад кæндзыстæм нæхицæн æмæ не ‘взагæн дæр, — загъта йæ раныхасы Хъазиты Мелитон. Уый ма æрæмбырдуæвджытæн бакаст йæхи фыст æмдзæв-гæ «Васойы сыгъд хæдзар».
Ирон æвзаджы генийы тыххæй та РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти та загъта:
— Абайты Васо йæ царды алыгъуызон фæндæгтыл цæугæйæ, архайдта, цæмæй ирондзинад бæрзонд æмвæзадыл уа. Уый йæ цардæй махæн алкæмæндæр цæвиттон равдыста, цæмæй нæ алчидæр архайа Ирыстоны сæраппонд. Афтæ куы архайæм, уæд фидæны нæ бон зæгъын бауыдзæн: мах Васойы фæдонтæ стæм æмæ лæггад кæнæм нæ Райгуырæн бæстæйæн.
Абайты Васо та ирон æвзагæн цы сарæзта, уый мах абон нæ раныхæсты дзыр-дтæй не сбардзыстæм, фæлæ махæй алчидæр хъуамæ зона, уый нын цы стыр зонадон куыстытæ ныууагъта, уыдон ирон адæмæн цæрæнбонтæм кæй сты ахуыр-гæнæн æрмæг. Мах ын уымæ гæсгæ кæддæриддæр хъуамæ аргъ кæнæм, йæ ном ын бæрзонд кæнæм. Цæмæй йын йæ ном сæнусон кæнæм, уый тыххæй та йын йæ музейы дуæрттæ тагъд рæстæджы хъуамæ байгом кæнæм.
Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти ма бузныджы ныхæстæ загъта Васойы номарæн мадзалы организатортæн. Уыдон та уыдысты республикæйы зонад-иртасæн институт, Ахуырад æмæ зонады министрад æмæ Культурæйы министрад.
Номарæн мадзалмæ æрбацæуæг скъолаты ахуыргæнинæгтæ бакастысты Васойы тыххæй ирон фысджыты фыст æмдзæвгæтæ.
Профессор Битарты Зоя нын куыд загъта, уымæ гæсгæ 12-æм декабрæй скъолаты ахуыргæнинæгтæн каст цæ-уынц Абайты Васойы цард æмæ зонадон архайды тыххæй лекцитæ. Ныридæгæн уал ахæм лекцитæ бакаст æрцыдысты авд скъолайы æмæ иннæ скъолаты дæр каст цæуыдзысты, стæй та нæ, зæгъгæ, фæнды районты скъолатæм дæр ацæуын.
Йæ ныхæстæм гæсгæ ахæм лекцитæ уадзын уымæн хъæуы æмæ чизоны ныры кæстæртæй сомбоны исчи ахъуыды кæна æмæ зæгъа, зæгъгæ, ирон æвзагзонынадæн, истори æмæ этнографийæн æз дæр чысыл исты баххуыс кæнон мæ архайдæй. Уымæн æмæ иумæйагæй Васо цы фæдыздæхтыты куыста, уыдон сты ирон гумманитариты æппæт фадгуытæ.
Источник
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Цардафыст 1925-æм азы каст фæцис Ленинграды университеты æхсæнадон зонæдты факультет. 1928 азы каст фæцис аспирантурæ. 1928-1930 азты куыста Советон Цæдисы зонæдты академийы Кавказы историон-археологион институты. 1930-æм азæй куыста Зонæдты Академийы Æвзагзонынады институты сахар Ленинграды, 1950 азæй — Мæскуыйы. 1962 азы ссис филологион зонæдты доктор (æнæ диссертаци, «йæ куыстыты иумæйаг уæзæй»), 1969 азы та — профессор.
1964-æм азы Абайты Васойæн радтой Хетæгкаты Къостайы номыл преми.
1981-æм азы Васойæн радтой Советон Цæдисы паддзахадон премийы лауреаты ном. Зындгонд иртасæг уыдис Стыр Британи æмæ Ирландийы Азийы паддзахадон æхсæнады кадджын уæнг 1966-æм азæй.
Абайты Васо амардис 2001-æм азы 18 мартъийы Мæскуыйы. Ныгæд æрцыдис Дзæуджыхъæуы, Иры Мады Майрæмы аргъуаны кæрты, Хетæгкаты Къостайы ингæны цур.
Источник